9 Мешелемиайы фырттӕ ӕмӕ ӕрвадӕлтӕ, сӕрӕн лӕгтӕ — уыдысты ӕстдӕс.
Мӕнӕ дуаргӕстӕ, сӕ къордтӕм гӕсгӕ. Корахы мыггагӕй: Мешелемиа, Асафы байзӕддаг Корейы артӕй рацӕуӕг.
Мерарийы байзӕддаг Хосайы фырттӕ: хистӕр — Шимри (йӕ фыццаг зӕнӕг нӕ уыди, фӕлӕ йын йӕ фыд радта хистӕры бартӕ),
Скӕсӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕрхауди Шелемимӕ. Сӕппӕрстой хӕлттӕ уымӕн йӕ фырт, куырыхон уынаффӕйы лӕг, Захариайы тыххӕй дӕр, ӕмӕ уымӕ та ӕрхаудис цӕгатӕрдыгӕй кулдуар.
Адон се ’ппӕт дӕр сты Овед-Едомы байзӕддӕгтӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, стӕй сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се ’рвадӕлтӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, зӕрдӕргъӕвд кусджытӕ, ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы.