7 Шемайайы фырттӕ: Отни, Рефаел, Овед ӕмӕ Елзавад, стӕй се ’фсымӕртӕ, сӕрӕн лӕгтӕ — Елигу ӕмӕ Семахи.
Овед-Едомы фырт Шемайайӕн дӕр райгуырди фырттӕ. Уыдон сӕ мыггагӕн уыдысты уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ сӕрӕн лӕгтӕ уыдысты.
Адон се ’ппӕт дӕр сты Овед-Едомы байзӕддӕгтӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, стӕй сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се ’рвадӕлтӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, зӕрдӕргъӕвд кусджытӕ, ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы.
Шаллум (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Коре, Евиасаф, Корах) йе ’рвадӕлтимӕ, Корахы байзӕддӕгтимӕ, хъалагъур лӕууыдысты Цатыры къӕсӕрыл, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ.