Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 26:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Паддзах Давид Йериайы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты — дыууӕ мины ӕмӕ авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы, мыггӕгты хистӕрты — баурӕдта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгты сӕргъы, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы сӕргъы, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Израилы дины ӕмӕ паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 26:32
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иорданы фале цӕрджытӕй — Рувим ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕй, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыд сӕдӕ дыууын мин лӕджы, алы хотыхтӕй ифтонг.


ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.


Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ мыггаггай, мыггӕгты хистӕртӕ. Уыцы мыггӕгты адӕм нымад ӕрцыдысты сӕрӕй-сӕрмӕ — ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ — ӕмӕ куыстой Дунедарӕджы хӕдзары.


Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Мӕнӕ, афӕдзы дӕргъы-иу паддзахӕн мӕйгай лӕггад кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы ӕфсӕддон къордтӕ. Алы къорд дӕр-иу ӕрбацыд йӕ рады, иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Къордтӕй алкӕцыйы дӕр уыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мин израиладжы, уыдонимӕ мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, бӕрнылӕгтӕ — ӕфсӕддон къордтимӕ баст алы хъуыддӕгты паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон.


Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд».


Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн та Йешуа загъта:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ