Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 26:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Хевроны байзӕддӕгтӕн сӕ сӕргъы лӕууыд Йериа. Давиды паддзахдзинады дыууиссӕдзӕм аз ӕркастӕуыд Хевроны артӕй рацӕуӕг мыггӕгтӕм, ӕмӕ дзы Галаады сахар Йазеры разынди сӕрӕн лӕгтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 26:31
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыди Давидыл, паддзах куы сси, уӕд, паддзахиуӕг та кодта дыууиссӕдз азы.


Дыууиссӕдз азы Давид уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы.


Хевроны фырттӕ: хистӕр — Йерийа, уый кӕстӕр — Амариа, ӕртыккаг — Йахазиел, цыппӕрӕм та — Йекамам.


Дыууиссӕдз азы уый уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы.


Хешбон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йазер йӕ хизӕнуӕттимӕ.


Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.


Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис,


Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ