27 Хӕстон ӕфтиагӕй-иу снывонд кодтой Дунедарӕджы хӕдзарӕн.
Паддзах Давид сӕ, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.
Ӕвзист иууылдӕр лӕвӕрд цыди, Кувӕндон цалцӕг кӕныны куыст кӕй бӕрны уыди, уыдонӕн.
Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.
Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.
пехуымпар Самуел, Кишы фырт Саул, Неры фырт Авнер ӕмӕ Церуайы фырт Йоав цыдӕриддӕр снывонд кодтой, уыдонмӕ — ӕппӕт лӕвӕрттӕм дӕр — сӕ цӕст дардтой Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ.
Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, йӕ фыд Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист снывонд кодта, уыдон, стӕй иннӕ дзауматӕ ӕмӕ сӕ Хуыцауы Кувӕндоны хӕзнадӕтты бафснайдта.
Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.