Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 26:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 26:26
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Давид сӕ, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.


Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.


Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.


Гершомы ӕфсымӕр Елиезеры байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Рехави, уый фырт Исайа, уый фырт Йорам, уый фырт Зихри, уый фырт Шеломот.


Хӕстон ӕфтиагӕй-иу снывонд кодтой Дунедарӕджы хӕдзарӕн.


Сауджынтӕ ӕмӕ левитты къордтӕ цӕттӕ сты Хуыцауы хӕдзары алы куыстмӕ дӕр. Дӕ бӕрны сты алы хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ ӕмӕ арӕхстджын адӕм, дӕ алы фӕндон дӕр дын ӕххӕст кӕндзысты хицӕуттӕ ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ».


Левиттӕй ӕрыздӕхти Шемайа, Мерарийы мыггагӕй, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Хашшув, Азрикам, Хашавиа,


Левиттӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ, сауджын Йехода цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтой. Алчидӕр дзы фӕдзырдта йӕ адӕммӕ: сабаты хъалагъур хӕссыны фӕдыл чи ӕрбацыд, стӕй, йӕ хъалагъуры рад кӕмӕн ахицӕн, уыдоны дӕр Йехода нӕ бауагъта ацӕуын.


Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Кувӕндоны дуаргӕстӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы мыггӕгтӕ — ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕртын фараст лӕджы.


Уыдон уыдысты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ, уазлӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, архайдтой сыгъдӕг кӕныны хъуыддӕгты, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕй куыд фӕдзӕхст уыди, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ