25 Гершомы ӕфсымӕр Елиезеры байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Рехави, уый фырт Исайа, уый фырт Йорам, уый фырт Зихри, уый фырт Шеломот.
Моисейы фырттӕ: Гершом ӕмӕ Елиезер.
Рехавийы байзӕддӕгты хистӕр — Ишшиа.
Моисейы фырт Гершомы байзӕддаг Шевуел уыди хӕзнатӕм хистӕр цӕстдарӕг.
Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.
иннӕйы ном та — Елиезер, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыдӕлты Хуыцау мӕм фӕзынди ӕххуысмӕ ӕмӕ мӕ бахызта фараоны кардӕй».
Ицхары фырттӕ: Корах, Нефег, Зихри.