20 Иннӕ левиттӕ, се ’рвадӕлтӕ, сӕ цӕст дардтой Хуыцауы хӕдзары хӕзнатӕм, уыимӕ уаз хӕзнатӕм дӕр.
ӕмӕ дзы рахаста Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр. Рахаста Соломоны конд сыгъзӕрин уартытӕ дӕр.
Уӕд Аса йӕ минӕвӕртты арвыста Дамаскмӕ, Сирийы паддзах Бен-Хададмӕ, Хезионы фырт Тавримоны фыртмӕ. Минӕвӕрттимӕ йын арвыста лӕвӕрттӕ, Кувӕндон ӕмӕ галуаны хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Сирийы паддзахӕн зӕгъой:
Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ алы дзауматӕ снывонд кодта, уыдон ӕмӕ сӕ бафснайдта Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнадӕтты.
Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.
Адон уыдысты дуаргӕсты къордтӕ, Корахы ӕмӕ Мерарийы байзӕддӕгтӕ.
Гершоны фырт Ладаны байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ: Йехиел
ӕмӕ йӕ фырттӕ — Зетам ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоел. Адон сӕ цӕст дардтой Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнатӕм.
Моисейы фырт Гершомы байзӕддаг Шевуел уыди хӕзнатӕм хистӕр цӕстдарӕг.
Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт.
Йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, афтӕ хӕдзар ногӕй саразынӕн радтой ӕхсай иу мин драхмӕйы сыгъзӕрин, фондз мин минӕйы ӕвзист ӕмӕ сӕдӕ фӕлысты та сауджыны дарӕстӕ.
Загътон сын: сымах — Дунедарӕджы нывонд, мигӕнӕнтӕ — Йӕ мысайнӕгтӕ; ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин — бархи лӕвӕрттӕ Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.
Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд. Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл».