13 Ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, хӕлттӕ сӕппӕрстой Кувӕндонӕн йӕ алы кулдуары тыххӕй дӕр.
Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.
Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.
Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар.
Ацы дуаргӕсты къордтӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй се ’рвад-ӕфсымӕртау лӕггад кодтой Дунедарӕджы хӕдзары.
Скӕсӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕрхауди Шелемимӕ. Сӕппӕрстой хӕлттӕ уымӕн йӕ фырт, куырыхон уынаффӕйы лӕг, Захариайы тыххӕй дӕр, ӕмӕ уымӕ та ӕрхаудис цӕгатӕрдыгӕй кулдуар.