Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 26:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ацы дуаргӕсты къордтӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй се ’рвад-ӕфсымӕртау лӕггад кодтой Дунедарӕджы хӕдзары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 26:12
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар.


дыккаг — Хилкиа, ӕртыккаг — Тевали, цыппӕрӕм — Захариа. Хосайы фырттӕ ӕмӕ ӕрвадӕлтӕ уыдысты ӕртындӕс.


Ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, хӕлттӕ сӕппӕрстой Кувӕндонӕн йӕ алы кулдуары тыххӕй дӕр.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр хъалагъур хастой Дунедарӕджы хӕдзары, Уаз Цатыры, дуӕртты цур.


Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон.


Зарӕггӕнджытӕ, Асафы байзӕддӕгтӕ, лӕууыдысты сӕ бынӕтты, сӕ заманы Давид, Асаф, Хеман ӕмӕ паддзахы зонынджын Йедутун куыд бауынаффӕ кодтой, афтӕ. Дуаргӕстӕ дӕр алы кулдуары раз лӕууыдысты, йӕ куыст ныууадзын дзы никӕй бахъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ, левиттӕ, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ