1 Мӕнӕ дуаргӕстӕ, сӕ къордтӕм гӕсгӕ. Корахы мыггагӕй: Мешелемиа, Асафы байзӕддаг Корейы артӕй рацӕуӕг.
Уыдонимӕ — сӕ иннӕ ӕрвадӕлты, левитты куысты дӕлдӕр къӕпхӕныл чи лӕууыд, уыдон: Захариа, Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Бенайа, Маасеа, Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиелы.
дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.
Цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Ромамти-Езеры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Мешелемиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Захариа, дыккаг — Йедиаел, ӕртыккаг — Зевадиа, цыппӕрӕм — Йафниел,
Мешелемиайы фырттӕ ӕмӕ ӕрвадӕлтӕ, сӕрӕн лӕгтӕ — уыдысты ӕстдӕс.
Тахат, Ассир, Евиасаф, Корах,
Левиттӕй ӕрыздӕхти Шемайа, Мерарийы мыггагӕй, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Хашшув, Азрикам, Хашавиа,
Кувӕндоны кулдуӕртты раз сӕвӕрдта хъахъхъӕнджытӕ, цӕмӕй, истӕй тыххӕй сыгъдӕг чи нӕ разына, уый мидӕмӕ ма бацӕуа.
Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.
Асафы псалом. Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас, дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.
Мӕ Кувӕндоны кусдзысты дуаргӕстӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй. Адӕмӕн ӕргӕвддзысты сӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывондӕгтӕ, лӕудзысты сӕ цуры ӕмӕ сын лӕггад кӕндзысты.