Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 25:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 25:8
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зарӕг амыдта левитты зарӕггӕнджыты разамонӕг Кенаниа, уымӕн ӕмӕ уыцы курдиатӕй хайджын уыд.


Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.


Асафы цыппар фырты: Заккур, Йосеф, Нетаниа ӕмӕ Асарелӕ. Разамынд сын лӕвӕрдта Асаф, паддзахы разамындӕй пехуымпариуӕггӕнӕг.


Фыццаг схаудта Асафы фырт Йосефы хал, йемӕ йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы. Дыккаг хатт схаудта Гедалиайы хал, йемӕ йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы.


Ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, хӕлттӕ сӕппӕрстой Кувӕндонӕн йӕ алы кулдуары тыххӕй дӕр.


Шуппим ӕмӕ Хосамӕ ӕрхаудтой ныгуылӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕмӕ, фӕндагыл хӕрдмӕ суайын кӕмӕ хъуыди, уыцы Шаллехеты кулдуар. Мӕнӕ дуаргӕстӕн сӕ хъалагъур хӕссыны фӕтк.


Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Цӕуты тыххӕй хӕлттӕ сӕппарӕд: иу дзы хъӕуы Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын, иннӕ та — ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ, аскъӕрын.


Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ