4 Хеманы фырттӕ: Буккиа, Маттаниа, Уззиел, Шевуел, Иеримот, Хананиа, Ханани, Елиата, Гидалти, Ромамти-Езер, Иошбекаша, Маллоти, Хотир ӕмӕ Махазиот.
Левиттӕ сӕвӕрдтой Иоелы фырт Хеманы ӕмӕ уый ӕрвад Асафы, Варахийы фырты; адонӕн се ’рвадӕлтӕй та, Мерарийы байзӕддӕгтӕй — Кушаиайы фырт Етаны.
Зарӕггӕнджытӕ Хеман, Асаф ӕмӕ Етан цагътой ӕрхуы ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй;
Левитты иннӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Амрамы байзӕддӕгтӕй: Шуваел, Шуваелы фырттӕй — Йехдеа.
Уззиелы фырт — Миха, Михайы фырттӕй — Шамир.
Мушийы фырттӕ: Махли, Едер ӕмӕ Иеримот. Адон сты левиттӕ, мыггаггай.
Ӕхсӕзӕм хатт схаудта Буккиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Ӕртындӕсӕм хатт схаудта Шуваелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Фынддӕсӕм хатт схаудта Йеремоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Иу ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Хотиры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг.
Ӕртӕ ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Махазиоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Ромамти-Езеры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Адон се ’ппӕт дӕр паддзахы зонынджын Хеманы фырттӕ сты — Хуыцау ын зӕрдӕ бавӕрдта хъомыс раттынӕй ӕмӕ йын балӕвар кодта цыппӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы.
Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел,
Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.