Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 25:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Асафы цыппар фырты: Заккур, Йосеф, Нетаниа ӕмӕ Асарелӕ. Разамынд сын лӕвӕрдта Асаф, паддзахы разамындӕй пехуымпариуӕггӕнӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 25:2
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Левиттӕ сӕвӕрдтой Иоелы фырт Хеманы ӕмӕ уый ӕрвад Асафы, Варахийы фырты; адонӕн се ’рвадӕлтӕй та, Мерарийы байзӕддӕгтӕй — Кушаиайы фырт Етаны.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд.


Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг.


Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн,


Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар.


Хеманӕн йӕ рахизфарс лӕууыд йе ’рвад Асаф; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Варахи, Шима,


Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.


Асафы зондамонӕн псалом. О Хуыцау, ӕнусмӕ ныл цӕмӕн бахъоды кодтай? Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕты дзугмӕ?


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Асафы псалом. Зарӕг.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Йедутуны зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Асафы зондамонӕн псалом. О мӕ адӕм, уӕ хъус ӕрдарут мӕ зонды ныхасмӕ, ӕрбайхъусут мӕ зондамындмӕ.


Асафы псалом. О Хуыцау! Муртаттӕгтӕ ӕрбабырстой Дӕ зӕхмӕ, Дӕ уаз Кувӕндон фӕчъизи кодтой, Йерусалимы дур дурыл нал ныууагътой.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Асафы псалом. Хуыцау сыстади хуыцӕутты ӕмбырды ӕмӕ се ’хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон:


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты псалом.


Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ