1 Азфыстытӕ 25:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»
Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се ’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой.