Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 24:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Номхыгъдмӕ сӕ бахаста нымӕрдар Шемайа, Нетанелы фырт, левит. Ныффыста сӕ паддзахы, ӕлдӕртты, сауджын Цадокы ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Елеазары мыггӕгтӕй дыууӕйы ныхмӕ Итамары мыггӕгтӕй ӕвзӕрстой иуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 24:6
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Шишайы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахийа — нымӕрдартӕ; Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг;


Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Авимелех — сауджынтӕ, Шавша — нымӕрдар,


Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ мыггаггай, мыггӕгты хистӕртӕ. Уыцы мыггӕгты адӕм нымад ӕрцыдысты сӕрӕй-сӕрмӕ — ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ — ӕмӕ куыстой Дунедарӕджы хӕдзары.


Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Фыццаг схаудта Йехоривы къорды хал, дыккаг — Иедайайы,


уыдон та сӕ цӕст дардтой уӕргътӕ хӕсджытӕм, стӕй, алы ӕндӕр куыст чи кодта, уыдонмӕ. Левиттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты нымӕрдартӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ.


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.


Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».


Уӕд Ӕм иу динамонӕг бацыд ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕмфӕнды куы цӕуай — ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».


Авиафар алчер куы уыди, уыцы рӕстӕг бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн хӕрын кӕмӕй ӕмбӕлди, уыцы нывонды дзултӕй, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ