Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 24:5
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Елеазары байзӕддӕгты ’хсӕн мыггаджы хистӕртӕ Итамары фӕдонтӕй фылдӕр кӕй разынди, уымӕ гӕсгӕ Елеазары байзӕддӕгтӕй баурӕдтой ӕхсӕрдӕс мыггаджы хистӕры, Итамары байзӕддӕгтӕй та — аст.


Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар.


Ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, хӕлттӕ сӕппӕрстой Кувӕндонӕн йӕ алы кулдуары тыххӕй дӕр.


Азариа, Хуыцауы хӕдзары хицау, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хилкиа, Мешуллам, Цадок, Мерайот, Ахитув;


Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры.


Серай, Хилкиайы фырт, Мешулламы фырт, Цадокы фырт, Мерайоты фырт, Ахитувы фырт, хицауиуӕг кодта Хуыцауы галуаны,


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Уымӕ гӕсгӕ уын Ӕз уӕ сауджынты сӕгад кӕндзынӕн, Йаковы байзӕддаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, Израилы ныффидиссаг кӕндзынӕн».


Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта.


Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны


Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.


Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.


Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.


алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.


Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.


Силомы, Дунедарӕджы раз, Йешуа хӕлттӕ сӕппӕрста ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл зӕхх байуӕрста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ