21 Рехавийы байзӕддӕгты хистӕр — Ишшиа.
Елиезеры фырт, йӕ фыццаг — Рехави. Уымӕй ӕндӕр ын фырттӕ нӕ уыди, фӕлӕ Рехавийӕн тынг бирӕ фырттӕ сӕнтыст.
Левитты иннӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Амрамы байзӕддӕгтӕй: Шуваел, Шуваелы фырттӕй — Йехдеа.
Ицхары мыггагӕй: Шеломот, Шеломоты фырттӕй — Йахат.
Гершомы ӕфсымӕр Елиезеры байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Рехави, уый фырт Исайа, уый фырт Йорам, уый фырт Зихри, уый фырт Шеломот.
Уззийы фырт — Израхиа. Израхиайы фырттӕ: Михаел, Овади, Иоел, Ишшиа. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ.