Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгты — сауджынты — къордтӕ. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 24:1
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид левитты адих кодта ӕртӕ къордыл — Левийы фырттӕ Гершон, Кехат ӕмӕ Мераримӕ гӕсгӕ.


Давид бафӕдзӕхста сауджынтӕ ӕмӕ левитты къордты тыххӕй, Дунедарӕджы хӕдзары алы лӕггады тыххӕй, Дунедарӕджы хӕдзары аргъауынӕн хъӕугӕ ӕппӕт мигӕнӕнты тыххӕй.


Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,


Левиттӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ, сауджын Йехода цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтой. Алчидӕр дзы фӕдзырдта йӕ адӕммӕ: сабаты хъалагъур хӕссыны фӕдыл чи ӕрбацыд, стӕй, йӕ хъалагъуры рад кӕмӕн ахицӕн, уыдоны дӕр Йехода нӕ бауагъта ацӕуын.


Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се ’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Цӕмӕй Хуыцауӕн Йерусалимы лӕггад кӕной, уый тыххӕй сауджынты, кӕмӕн цы ран ӕмбӕлы, уым ӕрлӕууын кодтой, левитты та сӕ радмӕ гӕсгӕ, Моисейы чиныджы куыд амынд ис, афтӕ.


Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Ааронӕн райгуырдысты Надав, Авигу, Елеазар, Итамар.


Аароны фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Надав, уый фӕстӕ Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар —


Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ