4 Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины,
Иннӕ левиттӕн, се ’рвадӕлтӕн, лӕвӕрд ӕрцыд алы куыст Дунедарӕджы цӕрӕны, Хуыцауы хӕдзары.
Иосафат Йерусалиммӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой.
Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.
уыдон та сӕ цӕст дардтой уӕргътӕ хӕсджытӕм, стӕй, алы ӕндӕр куыст чи кодта, уыдонмӕ. Левиттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты нымӕрдартӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ.
Йерусалимы левитты хистӕр уыди Уззи, Банийы фырт, Хашавиайы фырт, Маттаниайы фырт, Михайы фырт. Уый уыдис Асафы байзӕддаг, уазлӕггады рӕстӕг Хуыцауы хӕдзары заргӕ чи кодта, уыдоны мыггагӕй.
Зихрийы фырт Иоел сын уыди хицау, Сенуайы фырт Иудӕ та уыди сахары дыккаг адӕймаг.
Быцӕйуаг хъуыддӕгты тыххӕй-иу ӕрлӕууӕнт тӕрхоны раз ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр райхалӕнт Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ. Ӕххӕст Мын кӕнӕнт Ме ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй Мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ.
Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.