Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 23:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Хъуамӕ-иу алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр ӕрлӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, арфӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 23:30
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.


Хъуамӕ-иу, Дунедарӕгӕн алы иууылсудзинаг хӕссынафон, сабаттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, ӕдзух лӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, бӕрӕг нымӕцӕй, куыд сын фӕдзӕхст уыди, афтӕ.


дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.


Хуыцауы хӕдзары алыварс-иу баззадысты ӕхсӕвӕй райсоммӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны бӕрны уыди хъалагъур хӕссыны, стӕй алы райсом дуӕрттӕ гом кӕныны хъуыддаг дӕр.


Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.


Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ