1 Азфыстытӕ 23:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст29 Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.