Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 23:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Афтӕмӕй левитты нал хъӕудзӕн Дунедарӕджы цӕрӕн ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ хӕссын».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 23:26
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды фӕстаг ныстуантӕм гӕсгӕ Левийы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.


Фӕндагмӕ рӕвдз кӕнгӕйӕ, Аарон йӕ фырттимӕ дуарӕмбӕрзӕн хъуамӕ сиса ӕмӕ дзы Фидыды Чырын ӕрӕмбӕрза,


Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой.


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ