14 Хуыцауы минӕвар Моисейы байзӕддӕгтӕ та нымад ӕрцыдысты левиттыл.
Моисейы фырттӕ: Гершом ӕмӕ Елиезер.
Алчидӕр дзы йӕ бынаты ӕрлӕууыди, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейӕ сын цы Ӕгъдау баззад, уымӕ гӕсгӕ. Сауджынтӕ левитты къухӕй истой нывондӕгты туг ӕмӕ йӕ пырх кодтой нывондхӕссӕныл.
Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.
Иууылбӕрзондӕн Йӕ дӕлбазыр чи цӕры, уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой.
Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Гилгалы бацыдысты Йешуамӕ. Иефоннейы фырт кенизаг Калев ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Дунедарӕг Моисейӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, Кадеш-Барнеайы мӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй цы дзырдта, уый.