Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 23:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 23:13
38 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, цыппар.


Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрхуы дуӕрттӕ ныппырх кодта, ӕфсӕн ӕвдузӕнтӕ ныссаста.


Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.


Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ.


Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.


Кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут уаз ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг,


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.


Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы.


Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.


Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.


Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.


Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.


Ахӕм кады аккаг йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ничи суыдзӕн — Хуыцау ӕй хъуамӕ сӕвзара, йӕ рӕстӕджы Аароны куыд сӕвзӕрста, афтӕ.


Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.


Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ