12 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, цыппар.
Хистӕр уыди Йахат, уый кӕстӕр — Зиза. Йеушӕн ӕмӕ Бриайӕн бирӕ цот нӕ рацыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ систы иу мыггаг ӕмӕ иу къорд.
Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.
Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел.
Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.
Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. Кехат фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы.
Левийы байзӕддӕгтӕ: Ливнийы хӕдзарвӕндаг, Хевроны хӕдзарвӕндаг, Махлийы хӕдзарвӕндаг, Мушийы хӕдзарвӕндаг, Корахы хӕдзарвӕндаг; Кехатӕй та райгуырд Амрам.
Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.