1 Давид базӕронд, бафсӕсти цардӕй ӕмӕ Израилы сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны.
Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.
Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.
Паддзах Давид тынг базӕронд ис, ӕмӕ-иу ӕй цыфӕнды хъарм куы стыхтой, уӕддӕр йӕ зӕронд стджытӕ нал тӕфстысты,
Дӕу фӕндӕй ӕрцыдаид ацы хъуыддаг ӕви нӕ, мӕ паддзах? Стӕй йӕ дӕ иузӕрдион цагъарӕй куыд басусӕг кодтай, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый ном?»
Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд».
Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.
Давид фӕсидт Израилы ӕппӕт ӕлдӕрттӕм, сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм.
Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.
Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон.
Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.