Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:5
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын.


Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.


Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.


Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.


Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр.


Ливанӕй мын ӕрбарвит кедртӕ, кипаристӕ ӕмӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг. Дӕ кусджытӕ ливайнаг бӕлӕстӕ калынмӕ хорз арӕхсынц, уый зонын, ӕмӕ сӕм мӕ кусджытӕ дӕр фӕкӕсдзысты,


Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн-иу йӕ цурты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ фӕрсдзӕн: „Ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг афтӕ цӕй тыххӕй бакодта?“


Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта.


Мӕнӕн дӕр уыди фыд ӕмӕ мад, ӕз дӕр сын уыдтӕн уарзон хъӕбул, сӕ цӕсты рухс.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Нӕ фыдӕлтӕ Дын кад кӕм кодтой, уыцы Кувӕндон арты хай баци, йӕ хӕзнатӕ стигъджыты баисты.


Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се ’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн.


„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?


Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»


Иуӕй-иутӕ, кувӕндон цы зынаргъ дуртӕй амад у ӕмӕ йӕ цы хъӕздыг мысайнӕгтӕй сфӕлыстой, зӕгъгӕ, куы дзырдтой, уӕд сын Йесо загъта:


Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.


Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та — къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ