Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ноджы ма Давид ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕфсӕйнаг дӕр: зӕгӕлтӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ цӕгтӕ аразынӕн, стӕй, йӕ уӕзӕн сбарӕн нӕй, уый бӕрц ӕрхуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:3
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг.


Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.


Ӕз ме ’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор.


Хуыцауы хӕдзар саразынӕн радтой сыгъзӕрины фондз мин таланты ӕмӕ дӕс мин сыгъзӕрин драхмӕйы, ӕвзисты дӕс мин таланты, ӕрхуыйы ӕстдӕс мин таланты ӕмӕ ӕфсӕйнаджы сӕдӕ мин таланты.


Соломон ӕрхуыйӕ цы дзауматӕ скӕнын бафӕдзӕхста, уыдон уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сыл ӕрхуы цас ацыди, уымӕн банымайӕн дӕр нӕ уыди.


Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.


къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ