Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Давид бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной Израилы зӕххыл цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, ӕмӕ сын бахӕс кодта Хуыцауы хӕдзар саразынӕн дуртӕ слӕгъз кӕнын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:2
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.


сисамайджытӕ ӕмӕ дурлӕгъзгӕнджытӕн. Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ банывыл кӕнынӕн ӕмӕ йӕ иннӕ хъуӕгтӕн афоныл ӕлхӕдтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ.


хъӕддӕснытӕ, аразджытӕ ӕмӕ сисамайджытӕн. Хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ балхӕной.


Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, цӕмӕй йын галуан саразой.


Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.


Мах дын Ливаны бӕлӕстӕй хъӕдӕрмӕгӕн акалдзыстӕм, цас дӕ бахъӕуа, уыйас ӕмӕ дын сӕ тъиуибӕстытӕй денджызыл Яффомӕ бахӕццӕ кӕндзыстӕм. Ды та-иу сӕ уырдыгӕй Йерусалиммӕ алас».


Соломон банымайын кодта, Израилы зӕххыл чи царди, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты, уымӕй размӕ Давид куыд бакодта, афтӕ. Соломоны сфыстмӕ гӕсгӕ сӕ нымӕц уыди сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ мин ӕхсӕз сӕдӕ.


Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ