Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:19
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се ’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ.


Дунедарӕг нын нӕ фыдӕлты Мысырӕй куы ракодта, уӕд семӕ бафидыдта, ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ цы Фидыды Чырыны ӕвӕрд сты, уымӕн ацы Кувӕндоны скодтон бынат.


Уый фӕстӕ сауджынтӕ Кувӕндоны рӕбинаг уатмӕ, Рухсмонуатмӕ, бахастой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.


Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!


Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.


сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста.


Уый фӕстӕ сауджынтӕ Фидыды Чырын бахастой, цы бынат ын снысан кодтой, уырдӕм — Кувӕндоны Рухсмонуатмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.


Ӕмӕ ӕз уым Фидыды Чырын сӕвӕрдтон, йӕ мидӕг ис, Дунедарӕг Израилы адӕмимӕ цы фидыд сарӕзта, уый».


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».


Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, рӕстдзинад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы;


Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.


Израилӕгтӕ Мын саразӕнт Уаз Цӕрӕн, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!


Зӕрдиагӕй Мӕ куы ӕрцагурат, уӕд Мӕ ссардзыстут.


Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ:


Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


Уӕдӕ ма цӕмӕн фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ“.


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ