17 Давид Израилы хицӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр ныффӕдзӕхста йӕ фырт Соломонӕн баххуыс кӕнын:
«Уемӕ куы ис Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ алфамбылай знӕгтӕй уӕ куы сӕнӕмӕт кодта. А бӕстӕйы цӕрджыты дӕр радта мӕ къухтӕм, ӕмӕ а бӕстӕ баци Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ адӕмы дӕлбар.
Сауджынтӕ ӕмӕ левитты къордтӕ цӕттӕ сты Хуыцауы хӕдзары алы куыстмӕ дӕр. Дӕ бӕрны сты алы хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ ӕмӕ арӕхстджын адӕм, дӕ алы фӕндон дӕр дын ӕххӕст кӕндзысты хицӕуттӕ ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ».
Ӕмӕ райдыдтой мысайнӕгтӕ дӕттын Израилы мыггӕгты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, стӕй паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ дӕр.
Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.
Ӕмӕ ахӕмтӕн мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕцӕгадӕн ӕмкусджытӕ куыд уӕм, афтӕ.