Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:16
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Алы зӕххонау ныр ӕз дӕр цӕуинаг дӕн мӕ фӕстаг балцы. Ӕмӕ дын фӕдзӕхсын, фидар лӕуу, дӕ лӕгдзинад макуы фесаф!


Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг.


Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ.


Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.


Кусджытӕ дӕм бирӕ ис: дурлӕгъзгӕнджытӕ, дурыл ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауджытӕ, ӕмӕ, банымайӕн дӕр сын нӕй, уый бӕрц арӕхстджын ӕрмдӕснытӕ:


Ноджы ма Давид ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕфсӕйнаг дӕр: зӕгӕлтӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ цӕгтӕ аразынӕн, стӕй, йӕ уӕзӕн сбарӕн нӕй, уый бӕрц ӕрхуы.


Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»


Ӕз ме ’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор.


Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.


Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


«Мӕ цагъар Моисей амарди. Ныр бавдӕл ӕмӕ Израилы адӕмимӕ, Иорданы фале сын цы зӕхх дӕттын, уырдӕм бахиз.


Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.


Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


«Уӕлӕмӕ сыст, — загъта Дунедарӕг Йешуайӕн, — цы ныддӕлгом дӕ зӕххыл?


Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.


Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».


Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг Ионатанӕн, кӕд дын мӕ фыды зӕрды фыдми бакӕнын ис, ӕмӕ дӕм ӕй куынӕ фӕхабар кӕнон ӕмӕ дӕ куынӕ ауадзон, уӕд, цӕмӕй ацӕуай ӕдасӕй. Дунедарӕг дыл аудӕд, мӕ фыдыл куыд аудыдта, афтӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ