Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 22:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 22:14
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты.


Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг.


Дунедарӕджы хӕдзарӕн Соломон цы дыууӕ цӕджындзы, ӕрхуы денджыз ӕмӕ суанцъытӕ саразын кодта, уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.


Кусджытӕ дӕм бирӕ ис: дурлӕгъзгӕнджытӕ, дурыл ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауджытӕ, ӕмӕ, банымайӕн дӕр сын нӕй, уый бӕрц арӕхстджын ӕрмдӕснытӕ:


Ноджы ма Давид ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕфсӕйнаг дӕр: зӕгӕлтӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ цӕгтӕ аразынӕн, стӕй, йӕ уӕзӕн сбарӕн нӕй, уый бӕрц ӕрхуы.


Ӕз ме ’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор.


Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.


дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн — алы тӕбӕгъ дӕр, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн — алы хъалац дӕр; уыцы мигӕнӕнты ӕвзист ӕдӕппӕтӕй, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, ӕрласта дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы.


Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; уыцы мӕгуырӕй дӕр сӕ рӕдаудзинадӕн кӕрон нӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ