11 Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ.
сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.
Ӕмӕ ныр Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ дзырд. Куыд загъта, афтӕ ӕз ӕрбадтӕн мӕ фыды бынаты, Израилы паддзахы къӕлӕтджыны, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, Йӕ номыл Кувӕндон сарӕзтон.
О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.
«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр. Аммен.
Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!
Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».
Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг Ионатанӕн, кӕд дын мӕ фыды зӕрды фыдми бакӕнын ис, ӕмӕ дӕм ӕй куынӕ фӕхабар кӕнон ӕмӕ дӕ куынӕ ауадзон, уӕд, цӕмӕй ацӕуай ӕдасӕй. Дунедарӕг дыл аудӕд, мӕ фыдыл куыд аудыдта, афтӕ!