Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Давид Хуыцауӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:8
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.


«Тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы раз», — загъта Давид Натанӕн. «Дунедарӕг дын ӕй ныххатыр кодта. Нӕ амӕлдзынӕ.


Цы фӕуыдзынӕн мӕ худинагимӕ? Дӕхи дӕр дын фӕндырты фӕцӕгъддзысты Израилы. Уый фӕлтау паддзахимӕ баныхас кӕн, ӕмӕ дын дӕ фӕндоныл сразы уыдзӕн, дӕуӕн мӕ ратдзӕн».


Фӕлӕ адӕмы банымайыны фӕстӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти ӕмӕ Дунедарӕгӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».


Уыцы сфыст ӕхцон нӕ уыди Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ азары хай бакодта Израилы.


«Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Ацы адӕмӕн цы зӕгъон? Уыдон мӕ курынц, цӕмӕй сын, мӕ фыд сыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый фӕрогдӕр кӕнон».


Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!


Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.


Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.


Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ