7 Уыцы сфыст ӕхцон нӕ уыди Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ азары хай бакодта Израилы.
Йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакодта йӕ хӕдзармӕ. Сылгоймаг сси йӕ бинойнаг ӕмӕ йын ныййардта фырт. Фӕлӕ Давиды ми Дунедарӕджы цӕсты фыдракӕнд уыди.
Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».
Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».
ӕмӕ сӕ Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытимӕ иумӕ Целайы, Бениамины зӕххыл, Саулы фыд Кишы зӕппадзы бавӕрдтой. Бакодтой, паддзах куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау айста адӕмы куывд ӕмӕ батӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн.
Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».
Фӕлӕ адӕмы банымайыны фӕстӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти ӕмӕ Дунедарӕгӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».
уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.
Дунедарӕг израилӕгтыл емынӕ бафтыдта, ӕмӕ дзы ӕвдай мин адӕймаджы бабын ис.
Ӕцӕг, Йоав уыдоны хыгъдмӕ нӕ бахаста левитты ӕмӕ Бениамины мыггаг, уымӕн ӕмӕ паддзахы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди.
Давид Хуыцауӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».
Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.
Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе ’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн.
Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.