5 Йоав ӕмӕ адӕмы сфысты хыгъд Давидмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди милуан ӕмӕ сӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — цыппарсӕдӕ ӕвдай мины.
Йоав адӕмы сфысты хыгъд паддзахмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди астсӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — фондзсӕдӕ мины.
Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд йӕ фӕндыл, ӕмӕ Йоавӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ ӕрзылд ӕппӕт Израилыл дӕр, стӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ
Давид сфысты хыгъдмӕ нӕ хаста ссӕдзаздзыдты ӕмӕ уыдонӕй кӕстӕрты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг зӕрдӕ бавӕрдта Израилы адӕмы арвы стъалытау сбирӕ кӕнынӕй.
Церуайы фырт Йоав райдыдта адӕмы нымайын, фӕлӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы маст рафыхт Израилмӕ, ӕмӕ ацы сфыст паддзах Давиды азфыстыты чиныгмӕ нӕ бацыд.