4 Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд йӕ фӕндыл, ӕмӕ Йоавӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ ӕрзылд ӕппӕт Израилыл дӕр, стӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ
Йоав ын загъта: «Дунедарӕгӕн Йӕ адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд. Уыдон се ’ппӕт дӕр, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, дӕ цагъартӕ не сты, мыййаг? Мӕ паддзах ма цӕй тыххӕй домы ацы хъуыддаг? Азымы цӕмӕн ӕппары Израилы?»
Йоав ӕмӕ адӕмы сфысты хыгъд Давидмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди милуан ӕмӕ сӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — цыппарсӕдӕ ӕвдай мины.
Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.
ничи йын зӕгъдзӕн, цы кусыс, зӕгъгӕ.
Кӕд нӕ, уӕддӕр зон: мах дӕ хуыцӕуттӕн лӕггад нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕй саразын кодтай, уыцы гуымирымӕ нӕ бакувдзыстӕм».
Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.