Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Стӕй Дунедарӕг мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн загъта, ӕмӕ уый йӕ кард кӕрддзӕмы нытътъыста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:27
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕлӕтхӕссӕг зӕд йӕ къух Йерусалим фесафынмӕ куы систа, уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнайы мусы сӕрмӕ.


ӕртӕ стонг азы дӕ бӕстӕйы? Ӕви дӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ сӕ уӕлныхты исой ӕмӕ сӕ разӕй лидзай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы Дунедарӕджы азарӕй емынӕ сыста дӕ бӕстӕйы, ӕмӕ Йӕ азары зӕд куынӕггӕнгӕ ацӕуа ӕгас Израилы зӕххыл?“ Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл».


Уый хӕдразмӕ Орнан йӕ цыппар фыртимӕ мӕнӕу най кодта. Фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ ауыдта мӕлӕтхӕссӕг зӕды. Орнаны фырттӕ фыр тӕссӕй сӕхи амбӕхстой.


Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый йӕ куывд айста — иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕнмӕ уӕларвӕй зынг ӕрӕрвыста.


Давид федта, Дунедарӕг ӕй фехъуыста, уый ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нывӕндтӕ хаста йевусаг Орнаны мусыл.


Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.


О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у!


Дӕ кард нытътъысс йӕ кӕрддзӕмы. Тӕрхон дын кӕндзынӕн, кӕм дӕ рафӕлдыстӕуыди, цы зӕххыл сӕнтыстӕ, уым.


Уӕд ын Йесо загъта: «Дӕ кард йӕ кӕрддзӕмы нывӕр — кард чи сиса, уый йӕ мӕлӕт кардӕй ссардзӕн.


Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ