Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый йӕ куывд айста — иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕнмӕ уӕларвӕй зынг ӕрӕрвыста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:26
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд-иу Баалы пехуымпартӕ сӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидӕнт, ӕз дӕр Йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсиддзынӕн Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕйӕ арт чи ратта, уый уыдзӕни Хуыцау». Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Фӕуӕд афтӕ!»


Уыйадыл Дунедарӕг арвӕй ӕркалдта арт, ӕмӕ уыцы арт бахордта канд иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сугтӕ нӕ, фӕлӕ дуртӕ дӕр, нывондхӕссӕны алыварс сыджыт дӕр ӕмӕ, къахты цы дон уыди, уый дӕр.


Стӕй Дунедарӕг мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн загъта, ӕмӕ уый йӕ кард кӕрддзӕмы нытътъыста.


Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон аразын райдыдта Йерусалимы, Мориайы хохыл, кӕддӕр Дунедарӕг йӕ фыд Давидмӕ кӕм раргом ис, уым, йевусаг Орнаны мусуатыл. Орнан йевусӕгтӕй уыди.


Соломон куывд куы фӕци, уӕд арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ аныхъуырдта иууылсудзинаг дӕр ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ дӕр. Кувӕндон байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Аарон Моисеймӕ аздӕхт фӕстӕмӕ, Фембӕлды Цатыры размӕ. Рын фесӕфт.


Нывондхӕссӕны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ хӕрдмӕ куы фӕцыдысты, уӕд Дунедарӕджы зӕд арты ӕвзӕгты ’хсӕн сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ ссыди. Сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл ныддӕлгом сты.


Уӕд Дунедарӕджы зӕд йӕ лӕдзӕджы кӕронӕй дзидза ӕмӕ гуылтыл андзӕвыд, дурӕй арты ’взӕгтӕ рацыдис ӕмӕ сӕ басыгътой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд фӕцыдӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ