Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Фӕлӕ паддзах Давид Орнанӕн загъта: «Нӕ, се ’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн раттыны охыл дын лӕвар нӕ райсдзынӕн дӕ исбон; иууылсудзинаг нывонд, лӕвар цы райсон, уымӕй не ’рхӕсдзынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:24
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ.


ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ баздӕхти Ефронмӕ: «Мемӕ куы сразы уаис, уӕд дын быдыры аргъ раттин. Айс ӕй, ӕмӕ мӕ зиан уым бавӕрон».


цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Уӕ разы мын ӕй йе ’ххӕст аргъыл раттӕд зиан бавӕрыны тыххӕй».


Фӕлӕ паддзах Орнайӕн загъта: «Нӕ, се ’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывӕндтӕ, лӕвар цы райсон, уымӕй не ’рхӕсдзынӕн». Уыйадыл ӕвзисты дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелӕй балхӕдта Давид мус ӕмӕ галтӕ.


Орнан загъта Давидӕн: «Айс ӕй дӕхицӕн: мӕ бардарӕг паддзах, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнӕд. Мӕнӕ дын иууылсудзинагӕн дӕттын галтӕ, сугӕн — найгӕнӕн дзоныгътӕ, хойраджы хуынӕн та — мӕнӕу. Лӕвар дын сӕ дӕттын иууылдӕр».


Афтӕмӕй Давид уыцы бынаты тыххӕй Орнанӕн радта сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.


Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ