Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Орнан загъта Давидӕн: «Айс ӕй дӕхицӕн: мӕ бардарӕг паддзах, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнӕд. Мӕнӕ дын иууылсудзинагӕн дӕттын галтӕ, сугӕн — найгӕнӕн дзоныгътӕ, хойраджы хуынӕн та — мӕнӕу. Лӕвар дын сӕ дӕттын иууылдӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:23
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Елисей йӕ галтӕм бацыд ӕмӕ дзы дыууӕйы акусарт кодта. Уый фӕстӕ сын се ’фсондз сугӕн ныссаста ӕмӕ кусӕрттӕгтӕ сфыхта, дзидзатӕ та адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ фӕминас кодтой. Елисей йӕхӕдӕг та араст Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кодта.


Давид Орнанӕн загъта: «Ратт-ма мын дӕ мусы бынат, ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразон. Йе ’ххӕст аргъыл мын ӕй ратт, ӕмӕ фыд азары амӕттаг мауал кӕной адӕм».


Фӕлӕ паддзах Давид Орнанӕн загъта: «Нӕ, се ’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн раттыны охыл дын лӕвар нӕ райсдзынӕн дӕ исбон; иууылсудзинаг нывонд, лӕвар цы райсон, уымӕй не ’рхӕсдзынӕн».


Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Уӕрдон Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдырмӕ бахӕццӕ ӕмӕ стыр дуры цур ӕрлӕууыд. Уыцы ран уӕрдон сугӕн ныссастой ӕмӕ хъуццыты Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ