2 Давид бафӕдзӕхста Йоав ӕмӕ иннӕ балхонтӕн: «Цӕугӕут ӕмӕ Беер-Шевӕйӕ суанг Даны онг банымайут израилӕгты, цӕмӕй мӕ адӕмы нымӕц зонон».
Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.
Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.
Дунедарӕг израилӕгтыл емынӕ бафтыдта — уыцы райсом сыл сыстад ӕмӕ нысангонд афонмӕ не ’рсабыр; Данӕй Беер-Шевӕмӕ ӕвдай мин адӕймаджы бабын ис.
Цӕмӕй Саулы хӕдзары паддзахдзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, ӕмӕ Давид паддзахиуӕг кӕна Израил ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг».
Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.
Ӕмӕ сфӕнд кодтой фехъусын кӕнын ӕгас Израилӕн, Беер-Шевӕйӕ Даны онг, цӕмӕй иууылдӕр ӕрбацӕуой Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ йӕ рагӕй нал сбӕрӕг кодтой.
Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.
Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.
Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.