19 Давид, Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын Гад куыд загъта, афтӕ бакодта — ссыди мусмӕ.
Уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕд Гадӕн загъта: «Давид ссӕуӕд йевусаг Орнаны мусмӕ ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразӕд».
Уый хӕдразмӕ Орнан йӕ цыппар фыртимӕ мӕнӕу най кодта. Фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ ауыдта мӕлӕтхӕссӕг зӕды. Орнаны фырттӕ фыр тӕссӕй сӕхи амбӕхстой.
Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».
Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».