18 Уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕд Гадӕн загъта: «Давид ссӕуӕд йевусаг Орнаны мусмӕ ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразӕд».
Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз».
Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Равзар, цы хуызы дӕ бафхӕрон, уый:
Хуыцау мӕлӕтхӕссӕг зӕд арвыста Йерусалим бабын кӕнынмӕ, фӕлӕ уый адӕмы цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг ӕркаст ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнаны мусы сӕрмӕ.
Давид, Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын Гад куыд загъта, афтӕ бакодта — ссыди мусмӕ.
Давид загъта: «Ам уыдзӕни Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзар, мӕнӕ — Израилы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн!»
Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон аразын райдыдта Йерусалимы, Мориайы хохыл, кӕддӕр Дунедарӕг йӕ фыд Давидмӕ кӕм раргом ис, уым, йевусаг Орнаны мусуатыл. Орнан йевусӕгтӕй уыди.