Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Давид Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Тӕригъӕдджын ӕз куы фӕдӕн, фыд ӕз куы ракодтон, уӕд ацы фыстӕ цы азымджын сты? О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Дӕ адӕмы сафыны бӕсты фӕлтау Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:17
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ ӕз, дӕ цагъар, ацы лӕппуйы бӕсты ме ’лдармӕ баззайон, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд.


Ныр мыггагмӕ дӕ хӕдзар кардӕй нал сӕдас уыдзӕни, ды Мӕныл кӕй суӕлӕхох дӕ ӕмӕ хеттаг Уриайы усы кӕй байстай, уый тыххӕй“.


Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».


Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг.


Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».


Давид Хуыцауӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».


Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уӕд сын уый загъта: «Доны мӕ баппарут, ӕмӕ басабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз зонын, ацы ӕвирхъау уад уыл мӕн азарӕй кӕй рацыдис, уый».


Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.


Сымах сыстырзӕрдӕ стут Дунедарӕгыл! Абон сыстадыстут Дунедарӕджы ныхмӕ, райсом та Дунедарӕджы фыдӕх баййафдзӕн Израилы ӕппӕт адӕмы.


Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ