Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 21:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 21:16
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.


Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.


Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.


Вавилоны паддзахы цӕнгтӕ стыхджын кӕндзынӕн, фараонӕн та йе уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты. Мӕ кард Вавилоны паддзахы къухы куы бакӕнон, Мысырыл ныхмӕ йӕ сисыны тыххӕй, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Куы сӕ мардтой, уӕд ӕз иунӕгӕй аззадтӕн, ныддӕлгом дӕн зӕххыл ӕмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Дӕ маст Йерусалимыл ӕххуырсгӕйӕ, Израилы фӕдонтӕй ма чи баззади, ӕппӕт уыдоны бабын кӕндзынӕ?»


Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз.


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды кардӕлвӕстӕй лӕугӕйӕ куы федта, уӕд фӕндагӕй быдыры ’рдӕм фӕзылди. Балаам ыл ралӕууыди, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ фӕндагмӕ раздаха.


Байгом кодта Дунедарӕг Балаамы цӕстытӕ, ӕмӕ уый федта Дунедарӕджы зӕды: кардӕлвӕстӕй лӕууыди фӕндагыл. Ӕрхаудта Балаам йӕ зонгуытыл, зӕххыл ныддӕлгом ис.


Нывондхӕссӕны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ хӕрдмӕ куы фӕцыдысты, уӕд Дунедарӕджы зӕд арты ӕвзӕгты ’хсӕн сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ ссыди. Сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл ныддӕлгом сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ