10 «Цу ӕмӕ зӕгъ Давидӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: мӕнӕ дын ӕртӕ хуызы ӕфхӕрды ӕмӕ дӕ уыдонӕй кӕцыйы амӕттаг бакӕнон, уый равзар дӕхӕдӕг“».
Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Равзар, цы хуызы дӕ бафхӕрон, уый:
Дунедарӕг раргом ис Гадмӕ, Давиды зонынджынмӕ:
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, кӕй уарзы, уыдоны ’фхӕры, фыд, зынаргъ ын чи у, йӕ уыцы фырты куыд бафхӕры, афтӕ.
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.