1 Сайтан Израилы ныхмӕ сыстад ӕмӕ Давиды сардыдта Израилы банымайыныл.
Ацы уӕйыгӕнгӕс лӕгтӕ уыдысты рефаимты байзӕддӕгтӕ, гатӕгтӕ, ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ хӕстонты къухӕй мӕрдтӕм бацыдысты.
Церуайы фырт Йоав райдыдта адӕмы нымайын, фӕлӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы маст рафыхт Израилмӕ, ӕмӕ ацы сфыст паддзах Давиды азфыстыты чиныгмӕ нӕ бацыд.
Адон се ’ппӕт дӕр сты Асиры байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, ӕвзаргӕ лӕгтӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд ӕлдӕрттӕ. Асиры байзӕддӕгтӕй хӕстонты номхыгъды фыст ӕрцыд ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.
Иу бон та Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ногӕй ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр семӕ.
«Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа.
Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн.
Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».
Йесо уырдыгӕй куы ацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йӕ фӕрстыты бын ныккодтой —
Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?
Кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм.
Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы.
Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.